Нæ цард ныххæррæгъ, – иугъæдон, æнтъыснæг,
Дымгæ дæр нæй. Мæтъæл æнцой – сымæр.
Йæ куыстыл бафтыд сау мæлæт – нæ хуыснæг,
Цæгъды фæсхæрд кæрæф Руймон сынæр.
Цæрдудæй бадын хъотырау зæппадзы,
Фæлвары мæн йæ хъомысæй хъысмæт.
Мæн Тъæпæн хъæумæ Иры уарзт нæ уадзы,
Мæн Хуры хъæумæ нал уадзы Мæлæт.
1994 азы 21 февраль